Jump to content

Æхсæвæ (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
Æхсæвæ (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290352Æхсæвæ1902Гуырдзыбеты Бласка


ÆХСÆВÆ


Стъалутæ, жингау,
Арви — цæхæрæй,
Мæйæ шин — фиййау,
Цæфсунцæ минæй.

Чъеутæ гъæдбилтæ
Павжи сæ зари
Кæнунцæ миутæ
Йеумæ сæ бари.

Йеу уг кæмидæр
Гъулæг никкæуй;
Ристæй хъæбæрдæр
Зæрдæ ниццæвуй.

Хонхæй будурмæ
Салан сæ дзагъди
Хæссунцæ дзæгъунмæ
Дæнттæ сæ тагъди.

Йизол, чи цади,
Хуцау сæ дæшни,
Æппæлуй сæ царди
Гъæрæй мин хæфши...
Ниххустæй дуйней,
Райсгæй æй хуссæг...
Сгаруй ма къуарей
Кæмидæр фудлæг;

Айдагь нæ хуссуй
Арви йи мæйæ,
Зæнхæн рæдзæхсуй
Рохсæй æ зæйæ.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.