Jump to content

Мæстиноки мæгуртæ (Багъæраты)

From Wikisource
Мæстиноки мæгуртæ (1916)
by Багъæраты Созыр
290538Мæстиноки мæгуртæ1916Багъæраты Созыр


МÆСТИНОКИ МÆГУРТÆ


Зæронд мадæ, зæронд фидæ
кустæн агъаз нæбал æнцæ.
Тар изæрмæ фæххæтунцæ
сæ хæссæг Мæстинокбæл.
æрæздæхунцæ фæстæмæ, —
зæрдунгæгæй фæккæунцæ.
Сæ тæрегъæд фæгъгъарунцæ
фуребæл хъал дзæгъæлбæл.
æфхуæруй сæ хъалдзинадæй:
«Кæрдзин корун ходуйнаг æй!»
Ниссæттуй син сæ гъосинтæ
Мæстиноки дзæгъæлзад.
Федисæй син ци нæ кæнуй,
зиндæр ма син ци дзурд фæууй?
«Фæццæуетæ, иссеретæ
уæ еунæги дзæгъæл мард!»
Сæ гъосинсæр ниххуфинттæ'й, —
тухгин уарун ку фæззиндтæй,
е дæр сæбæл сæ хецонау
сæ хуссæнмæ ку кæуй.
Сæ еунæг фурт тугъди мæлгæй,
ниууагъта сæ фур иливдæй, —
ци кæнонцæ? Сæ неунмæ
лæги зæрдæ ку 'йхæлуй.


1916 анзи ноябри 2 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 107 years or less since publication (if applicable).