Jump to content

Нæ фæсевæдæн (Багъæраты)

From Wikisource
Нæ фæсевæдæн (1918)
by Багъæраты Созыр
290601Нæ фæсевæдæн1918Багъæраты Созыр


НÆ ФÆСЕВÆДÆН


О нæ фæсевæд, уæ уаргъ исистайтæ,
нур ма бауагътæ уæхе ниннæхсун.
Бартæ байстайтæ, фал уаргъ куд хæсдзиайтæ?
Уаргъ устур уаргъ æй, зин æй æ хæссун.

Еу искодтайтæ уæ хъаурæ, уæ фæндæ,
хъалтæ резунцæ тæссæй уæ уиндæй,
нур агорунцæ сумахмæ рæуæнттæ,
хъалтæ косунмæ цæттæ'нцæ зундæй.

Тагъд фæххуæцетæ сумах кæрæдзебæл,
хъалти ма'руагътæ уæхемæ хæстæг,
ард бахуардтайтæ 'ма цурд, æнæ дзебæл —
тагъд æзмæлетæ, цæуй уæ рæстæг.

О, нæ фæсевæд, уæ уаргъ исистайтæ,
уаргъ устур уаргъ æй, зин æй æ хæссун.
Ном æнæмæлгæ сумах искодтайтæ,
нур ма бауагътæ уæхе ниннæхсун.


1918 анзи апрели 8 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 105 years or less since publication (if applicable).