Jump to content

Ныстуан (Хетæгкаты)

From Wikisource
Ныстуан (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290129Ныстуан1899Хетæгкаты Къоста


НЫСТУАН


Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, –
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зарæд йæхи фæндиаг!..

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс...




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.