(Лермонтови уаджимис дигоронау)
Арви коми, Дариали унгæги,
Мегъи кæми цæуй Терки суг,
Уоми сау билæбæл, хонхи 'рдæги,
Сау-сауид истадæй еу мæсуг.
Цардæй ши кизгæ-паддзах Тамарæ,
Æнæ дауæ æ кондæй;
Изæдау адтæй хузæй æвзарæ
Сайтанау — гьæуагæ амондæй.
Адтæй сугъзæрийнау æнафони
Æхсæвæ æ рохсæн æ кæсун;
Æ йирд сайдта æхемæ бæлццони,
Ивæрзгæй ин уоми хуарз фусун.
Цæуидæ, чит, надмæ Тамари дзурд,
Ка адтæй йеугурæй лæгфæндон,
Æртаста йечи дзурди уоди зунд,
Нæ зонгæй, æхебæл чидæр бон.
Къобец, æфсæддон æма фиййау
Цæуиуонцæ имæ зæрдерух;
Дуар шин игон кæнидæ, чиртау,
Æрацæугæй сæ размæ йевнух.
Сæхъун уати, дессагæн æвзарæ,
Гъæздуг гъæстæй нæлхъут-нæлмажи,
Хежидæ иуазæги Тамарæ,
Дууæ ниуазæни æ ражи...
Кæнидæ фæсниуæзтæ, фæсхуæрдæ,
Мондагæй бæлццони æ хъури;
Адгинæй ин æхе 'ма æ зæрдæ
Радтидæ сæумæмæ сæ фуни...
Цæуидæ надмæ цæугути гъоши
Уæд сæ мондаг гъæр сæ расуги,
Цума сæдæ лæги, сæдæ уоши
Уиуонцæ æмбурди мæсуги.
Фал куддæр сæумæ хор, чит, æ тунтæ
Байтауидæ хуæнхтæн сæ сæри,
Уотæ сос æма шин тар сæ фунтæ,
Фиццагау, йевиуонцæ мæсуги.
Айдагъ ма Терк Дариали коми
Æ гъæрæй сабур ихалидæ
'Ма фæлхъæзæн фæлхъæзæнбæл уоми
Тагъд размæ бурчитæй кæлидæ.
Неугæ, хæлæфæй, бæлццони марди
Лашиуонцæ размæ кумæдæр...
Фал хатир ма 'й коридæ æ ради
Къæразæй мæсуги уорс чидæр.
Уотæ уидæ бæлццонæн æ сæумæ,
Уотæ æхцул адтæй и гьæр дзурд, ,
Цума' й æрветидæ, чит, æ гъæумæ
Никки ин ивæрзгæй æ рæвдуд.