Цы ’рцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв (Коцойты)
I
Уыди райдзаст сæрдыгон райсом.
Леуан бадти кæрты дуары раз æмæ, æвдæлон уæвгæйæ, хæрынкъайæ къæцæлтæ амадта.
Леуан царди Пыхсджынæн йæ тæккæ кæрон. Уый хæдзарæй æддæмæ уыди сæрвæт, сæрвæты æддейы та зындысты цъитиджын хæхтæ.
Амайы Леуан къæцæлтæ, алырдæм дæр акæсы.
Æвиппайды къæцæл æмæ кард кæрæдзийæ фæхицæн сты æмæ афтæмæй аззадысты. Дæлæ Фæзыхъæуы ’рдыгæй къахвæндагыл дыууæ чысыл лæппуйы ссæуы.
— Чи уой, цымæ? — дис кæны Леуан. Ныккасти æдзынæг æмæ сæ базыдта. Уыдон сты йæ хæлар Габойы фырттæ, дæсазыккон Сандро æмæ астазыккон Андро.
Дыууæйæн дæр æмдзуарджын уыди Леуан. Цал хатты уыди сæ хæдзары, цал хатты уыдысты ацы сабитæ йæ хæдзары, куыннæ сæ базыдтаид!
Дæлæ схæццæ кæнынц.
Цы тарстхуыз сты! Цы тагъд цæуынц! Мацы зиан æрцæуæд Габойы хæдзарыл!
Мæнæ схæццæ сты. Уæззау улæфынц. Æрлæууыдысты Леуаны раз.
— Кæм уыдыстут, мæ хуры гыццылтæ, афтæ раджы? — фæрсы Леуан.
Сабитæ лæууынц. Дзуапп раттын нæ фæразынц. Леуан банхъæлмæ касти, цалынмæ уыдон æрулæфой, стæй та фæрсы:
— Дзæбæх сты Габо æмæ Тамарæ? Истæмæ уæ сæрвыстой, æвæццæгæн.
Сандро æнцад лæууы, ницы дзуры. Уæд кæстæр лæппу Андро базмæлыди йæ бынаты æмæ сдзырдта:
— Габо æмæ Тамарæ нæ марынмæ хъавынц. Æхсæвыгон дзырдтой уый тыххæй.
— Цытæ дзурыс уый, лæппу? — мидбылты бахудгæйæ сдзырдта Леуан.
Сандромæ фыццаг зын касти йæ фыдыл æвзæрдзинад дзурын æмæ уымæн къуылымпы кодта дзурынмæ. Фæлæ ныр, Леуаны ныхас фехъусгæйæ, хъæбæр загъта:
— Афтæ у, афтæ. Андро раст зæгъы. Абон сын бонырдæм фехъуыстам сæ ныхас. Тамарæ дзырдта Габойæн:
— Куы æрæхсæв уа, уæд сæ амар æмæ бафснай!
Леуан, ацы дзырдтæм хъусгæйæ, адзæгъæлдзаст ис.
Къæцæл аппæрста, æрмæст ма хæрынкъа ратух-батух кодта. Уый зыдта, куыд цъаммар разынди Тамарæ, куыд нæ уарзы йæ мойы сывæллæтты. Ахæм адæймаг исты фыдмийæ нæ бацауæрддзæн.
Сандро дзырдта дарддæр:
— Тамарæ нæ хæдзармæ куы ’рцыди, уæдæй фæстæмæ нæ æдзух нæмы, къухæй дæр, къахæй дæр. Нæ цурты, æнæ фесхойгæйæ, цæуын нæ зоны. Хæринагæн нын дæтты уæлдæйттæ, уыдон дæр нын зæхмæ аппары. Габо та йæм, уыдæттæ уынгæ, дзургæ нæ кæны.
Ацы ран Сандро скуыдта. Йæ фæдыл Андро дæр сниудта, цæссыгтæ анхъæвзтой йæ цæсгомыл.
Леуан æмбæрста сабиты маст. Уый хорз зыдта, сæ фыды хæдзар сын зындон кæй фестади. Фæлæ хъуыддаг сывæллæтты марыныл банцайдзæн, ахæм хъуыды йæм никæд æрцыдаид, ныр дæр æй нæ уырны.
Рæвдауы Леуан сабиты æмæ дзуры:
— Ма тæрсут, ма тæрсут! Уыдон, æвæццæгæн, хъазгæйæ афтæ дзырдтой... Цæут, мæ хуртæ, цæут фæстæмæ, мацæмæй тæрсут!
Леуан ратта сабитæн фæткъуытæ æмæ кæрдотæ æмæ сæ рæвдауæн ныхæстимæ арвыста.
Арвыста сæ, фæлæ бон-изæрмæ уыдон тыххæй хъуыдытæ йæ сæрæй нал хицæн кодтой. Æцæг амарынæй сын нæ тарсти — уымæ куыд æрхаудзæн Габо — фæлæ фыдран кæй сты, ууыл хъынцъым кодта Леуан.
II
Царди Фæзыхъæуы иу чызг — Тамарæ. Йæ ас рæстæмбис, нарæгастæу. Æрфгуытæ дыууæ сау калмау æртыхстысты йæ худгæ цæстытыл. Тамарæ иу рæстæджы царди Калачы, йе ’фсымæры бинонтимæ. Уым базыдта фыссын æмæ кæсын, базыдта сахайраг чызджытау дарæс дарын æмæ химæ зилын пудрæйæ æмæ ахорæнтæй. Йе ’фсымæр куы амарди, уæд бацыди фæстæмæ йæ фыды хæдзармæ.
Рæсугъд нæ уыди Тамарæ, йæ тæссармæ дæндæгтæ ма йæ фыдуынд дæр кодтой, уæддæр æм иннæ чызджытæ хæлæггæнгæйæ кастысты, лæппутæ та йæ бæллыны цæстæй цух нæ уагътой. Тамарæ чызджытæм бæрзонд цæстæй касти, лæппутæй та хынджылæг кодта. Уарзон цæстæнгас æмæ мидбылты худтæй-иу сæрра кодта лæппуйы, стæй-иу æй зонгæ дæр нал кодта.
Афтæ фæкомкоммæ ис Тамарæ Пугаты Габомæ дæр æмæ йæ сæрра кодта. Габо — уындджын, хæрзконд лæппу — йæхи зæрдæмæ дæр цыди. Чи зоны, куы йæ курид, уæд ын комгæ дæр бакæнид. Уый Бакуйы куыста, æхца æрæмбырд кодта æмæ æгас Фæзыхъæуы уымæй дзæбæхдæр ничи цæры.
Афтæ лæппу дæр нал уыди Габо, æртыназыккон, ус ын ис дыууæ сывæллонимæ. Фæлæ Тамарæйы куы ауыны, уæд æй йæ ус дæр ферох вæййы, сывæллæттæ дæр.
Уалынмæ диссаджы хабæрттæ хъуысын байдыдтой стыр Уæрæсейы ’рдыгæй. Паддзах ратылди йæ кады бандонæй, кæмдæр, Сыбыры цъыфдзасты, æмбийынц йе стджытæ. Фæзындысты большевиктæ, уыдон фæсырдтой æлдæртты, кънйæзты æмæ алы мыггаг мулкджынты. Большевиктæ асастой сылгоймаджы рæхыстæ, ссæрибар æй кодтой, абонæй фæстæмæ нæлгоймагæн цы бартæ уа, сылгоймагæн дæр уыцы бартæ уыдзæн.
Ахæм диссæгтæ хъуысти Уæрæсейы ’рдыгæй.
Фæлæ мæнæ æрбахæццæ сты большевиктæ Фæскавказмæ дæр. Мæнæ фæзындысты женотделтæ, мæнæ агурынц, делегаткæтæн чи сбæзза, ахæм сылгоймæгты. Тамарæмæ дзырд лæвæрд никæцæй ма уыди, афтæмæй йæхæдæг райдыдта амонын чызджытæн æмæ лæппутæн ног царды æгъдæуттæ, куыд сæ æмбæрста, афтæ.
Иу хатт Цхинвалæй сæфтыди Фæзыхъæумæ иу партион.
Уыцы партион иттæг дæсны разынди чиныджы. Цы нæ зыдта — Маркс уæд, Энгельс уæд, социализм, коммунизм, муниципализаци, национализаци æмæ ноджыдæр бирæ ахæм цыдæртæ. Сылгоймаджы барты тыххæй дæр бирæ фæдзырдта.
Чи зоны, цытæ фæдзырдта уыцы коммунист Тамарæйæн, фæлæ дыккаг бон Тамарæ ацыди Цхинвалмæ. Куы ссыди фондз боны фæстæ, уæд хуыдта йæхи комсомолкæ æмæ делегаткæ. Йæ хуыз афтæ фендæр ис, æмæ йæ зонгæ дæр æвиппайды ничиуал бакодта. Йæ сæрыл уыди кепкæ, кæцыйæн йæ бырынкъ размæ ацыди хорз дисныйы бæрц. Кепкæйы бынæй пыхцылгондæй зындысты дзыккутæ. Юбкæ хæццæ кодта æрмæст уæрджытæм, цъындатæ та фатхъулты онг. Юбкæйæ цъындаты æхсæн зындысты бæгънæгæй рæсугъд, урс-урсид зæнгтæ. Цы лæппу-иу фæкомкоммæ ис уыцы урс зæнгтæм, уый-иу бауадзыгмæ бирæ нал хъуыди.
Коммунист ма Фæзыхъæуы куы уыди, уæддæр æвзæрста Тамарæ папирос дымыныл, фæлæ хорз нæ арæхсти, æмæ йыл нæ фидыдта, фæлæ ныр никæцы нæлгоймаг сарæхстаид афтæ рæсугъд йæ къухты папирос дарын. Куы-иу спъæртт кодта папирос, уæд-иу фæздæджы цæгтæ ленк кодтой уæлæмæ кæрæдзи фæдыл. Иуæй-иу хатт та-иу Тамарæ йæ былтæ амыр кодта, æмæ-иу уæд фæздæг фындзы хуынчъытæй кæлын байдыдта. Рæсугъд дымдта Тамарæ тамако, тынг рæсугъд. Лæппутæ-иу æм кæсынтыл фесты.
Тамарæ зæрдиагæй райдыдта кусын сылгоймæгты æхсæн. Амыдта сын, адæм сæрибар кæй систы, сылгоймагæн йæ бартæ нæлгоймаджы барты æмбæрц кæй систы. Хъуамæ сылгоймаг дæр, æнæ искæй фæрсгæйæ, цæуа, кæдæм æй фæнда, уырдæм. Хъуамæ йын бар уа, кæй уарза, ахæм лæгимæ цæрын. Лæгтæ сахуыр сты сылгоймаджы фосыл нымайын, æфхæрдтой, надтой йæ, æмæ-иу уый фосау фæстæмæ ницы дзырдта. Æз та уын зæгъын: æппындæр сæ коммæ ма кæсут! Æфхæрд кæуыл цæуа, уый хицауадæн хъусын кæнæд. Цæут, кæдæм уæ фæнды, уырдæм, цæрут, цы нæлгоймæгтæ тынгдæр уæ зæрдæмæ цæуынц, уыдонимæ! Ныронг уыдон æвзæрстой, ныр та хъуамæ мах æвзарæм!
Афтæ æмæ ноджыдæр бирæ ахæм цыдæртæ амыдта Тамарæ Фæзыхъæуы сылгоймæгтæн.
Тынг зæрдиагæй кусын байдыдта Тамарæ. Фæлæ устытæй бирæтæ йæ ныхæстæм нæ хъуыстой, æмбырдтæм нæ цыдысты. Бирæтæ та йыл худгæ дæр кодтой. Лæгтæ та, тынгдæр зæрæдтæ, знаджы цæстæй кастысты Тамарæмæ.
Йæхи фыд дæр ын знаг фестади. Иу хатт баздæхти Тамарæмæ:
— Цæй тамакодымд дын у уый? Исты нæлгоймаг дæ? Ныууадз де ’взæр митæ, дæ цъаммардзинæдтæ. Мауал ралли-балли кæн, æппын хæдзар куы нал агурыс! Мæнæ дæ мад кусынæй нал у, æмæ йын иу цъус æххуыс кæн!
Фыд уыцы ныхæстæ куы кодта, уæд Тамарæ йæ тæккæ хæргæйæ уыди. Уый афтæ смæсты ис йæ фыды ныхæстæй æмæ æууылд хæринаг, ныхъуырыны бæсты, æддæмæ ракалдта.
Галиу къух сины фæсагъта, рахиз къух та Цхинвалы ’рдæм адаргъ кодта æмæ загъта:
— Ацы хатт дын хатыр уæд, баба, фæлæ ма дæ искуы ахæм ныхæстæ куы фехъусон, уæд дæ дæлæ Цхинвалы ахæстоны атъысдзынæн. Сæрибары рæстæг кæй æрцыди, уый дæм нæма бахъардта, æнхъæлдæн!
Уымæй фæстæмæ фыд иу зул ныхас дæр никуыуал скодта йæ чызгмæ.
Иннæ зæрæдтимæ дзургæйæ-иу Тамарæйы фыд ныхæстæй йæ маст суагъта, æлгъыста-иу цъаммар фæсивæды.
— Хæрз сæфт фесты нæ фæсивæд! — дзырдтой-иу иннæ зæрæдтæ дæр.
Хъæубæсты бирæты зæрдæмæ нæ цыдысты Тамарæйы митæ. Фæлæ Пугаты Габойæн хъауджыдæр нæ уыди. Уый зæрдæбынæй бауарзта Тамарæйы, æмæ йæ цард уыимæ куы нæ сбæтта, уæд æй фæлтау нæ хъæуы ахæм цард. Ныр мæнæ йæ ус рынчын у, чи зоны, нал фервæздзæн, æмæ уæд йæ хъуыддаг арæзт у, фæлæ куы фервæза, уæд цы кæндзæн, нæ зоны...
III
Амарди Габойы ус. Баныгæдтой йæ. Йæ фæдыл зæрдæбынæй куыдтой йæ дыууæ лæппуйы, Сандро æмæ Андро.
Габо дæр-иу куы ’рбаймысыди, куыд дзæбæх ацарди йæ усимæ фыццаг, уæд-иу ныхъхъынцъым кодта, фæлæ-иу йæ разы фегуырди Тамарæйы хуыз, æмæ-иу уæд уайтагъд айрох ис йæ маст.
Йæ усы мардыл мæй нæма рацыди, афтæ Габо схъæр кодта Тамарæйæн йæ фæндон.
Тамарæ бирæ нæ фæхъуыды кодта. Габо рагæй йæ зæрдæмæ цыди, йæхæдæг ныр, æцæг, делегаткæ у, фæлæ делегаткæйы дæр хæрын æмæ нуазын хъæуы йæ фыды хæдзар мæгуыр у. Габо та амалджын лæг, æвæрд дæр ын цыдæртæ ис. Уыимæ хъуаг ницæмæй æййафдзæн, стæй йын æнад дæр нæу. Кæд æй лæг йæ куыст кæнын нæ уадза, уæд Тамарæ уымæн хос ссардзæн.
Кæд æмæ йæ зæрдæ æндæр лæгмæ бахъаза, уæд æй чи хъуамæ баурома — сæрибар ма цæмæн æрцыди! Цæргæ Габоимæ кæндзæн, æнæуи та йæ бар йæхи.
Фæлæ а сывæллæттæ? Кæйдæр сывæллæттæ? Уыдон тыххæй нæ зоны, куыд уыдзæн. Исчердæм сæ фæкæнæд Габо, æндæр ма дзы исты ис!
Афтæтæ ахъуыды кодта Тамарæ æмæ загъта Габойæн:
— Æз разы дæн, фæлæ дын сывæллæттæ куы ис... Уыдон та?
Габо бахудти.
— Куыд сывæллæттæ? Уыдон нæ цы хъыгдарынц?
Тамарæ ницыуал загъта Габойæн, фæлæ ахъуыды кодта: «Рæстæг йæхæдæг амондзæн, цы хъæуы, уый. Сæрибар уый тыххæй не ’рцыди, æмæ æз æнæбары искæй сывæллæтты хæссон!»
Тамарæйы фыдæн æхсызгон уыди, йæ чызг моймæ кæй цæуы, уый, æмæ чындзæхсæвы кой кодта, сауджыны кой, аргъуаны кой. Фæлæ йын чызг загъта:
— Баба, дæу ничи фæрсы, æмæ дæхицæн æнцад бад!
Чындзæхсæвы кой скодта Габо дæр.
— Революци уымæн у, — загъта чызг, — æмæ хъуамæ алы гæды æгъдæуттæ ферох кæнæм!
Ницыуал загъта Габо дæр.
Чызг ын йæ къух йæ дæлармы фæтъыста æмæ йæ Фæзыхъæуы загсы балæууын кодта.
Иу къорд боны фæстæ Габо баздæхти Тамарæмæ:
— Худынц мыл ме ’мгæрттæ, мæ сыхæгтæ. Зæгъынц: «Фæхордта адæмы чындзæхсæвтæ, ныр йæхицæн æнцад сбадти!»
— Плевать! Революци ма цæмæн у! — загъта Тамарæ.
Габо разы уыди йæ цардæй. Æрмæст-иу, куыстæй æрцæугæйæ, арæх хæринаг цæттæ не ’рæййæфта, Тамарæйæн-иу йæхи дæр арæх нæ баййæфта хæдзары. Бирæ хъуыддæгтæ уыди Тамарæйы: куы-иу исполкомы бадти, куы комсомолты æмбырды уыди, куы та устыты æмбырды, æмæ кæй æвдæлди уыйас хæдзары хъуыддæгтæм! Цы гæнæн уыди, Габо-иу йæхæдæг ацæттæ кодта исты хæринаг.
Ус-иу афтæмæй хæринаг куы баййæфта цæттæйæ, уæд-иу ныббузныг ис лæгæй, йæ былтæ-иу æм пъа кæнынæн бадардта.
— Æндæр хатт та æз сараздзынæн хæринаг. Хъуамæ радгай аразæм хæринаг, ныр сылгоймаг æмæ нæлгоймаг æмсæр сты, — афтæ-иу загъта ус, фæлæ фылдæр хæттыты хæринаг кæнын лæгмæ касти.
Габо ууыл бирæ мæт нæ кодта. Уарзон ус ын уыдис, æмæ ахæм лыстæг хъуыддæгтæ хъуыды нæ кодта. Бæргæ, Тамарæ делегаткæ æмæ комсомолкæ куы нæ уаид, уæд сæ цард ноджыдæр хуыздæр уаид. Фæлæ алцы зæрдæйы фаг кæм ис! Стæй афтæ хъуыды кодта: «Афсæддзæн æмбырдтæй æмæ уæд йæ хæдзары сбаддзæн». Æцæц иу хъуыддагыл тынг хъынцъым кодта Габо. Ус сывæллæттæм знаджы цæстæй касти, æфхæрынæй сыл нæ ауæрста.
— Кæд чысылгай æрфидауид семæ! — афтæ ныфс æвæрдта йæхицæн уый тыххæй дæр Габо.
IV
Иу бон, куыстæй æрæгмæ æрцæугæйæ, Габо баййæфта йæ усы æнкъардæй. Хæринаг рахаста Тамарæ йæ лæгæн, фæлæ дзурынæй йæхи тигъ кодта.
Габо фæтарсти, кæд ус рынчын у, мыййаг. Фæрсы йæ:
— Цы дыл æрцыди, усай, цæй æнкъард дæ?
— Æнкъард ницы дæн, нæ зонын, цæмæн дæм афтæ кæсы! — дисгæнæгау дзуапп ратта Тамарæ.
Уыцы æхсæв ус хицæнæй схуыссыди, лæджы фæндтæм хъус не ’рдардта.
Кæсы лæг уыйфæстæ бонты. Ус æнкъардæй рацу-бацу кæны.
Хæдзары куыстæй фыццаг дæр ницы кодта, æфсоны æвнæлд йеддæмæ, ныр та æппындæр йæ хъус ницæмæуал дардта.
Афтæ фæдыл-фæдыл аивгъуыдта дз боны.
Æппынфæстаг Габо йæхи нал баурæдта æмæ баздæхти усмæ:
— Зæгъ мын, Тамарæ, цы дыл æрцыди? Де ’нкъарддзинад мын мæ зæрдæ куы сæтты. Зæгъ мын, цы маст дæ хъыгдары?
Тамарæ бирæ ратигъ-батигъ фæкодта йæхи. Æппынфæстаг Габойы æфцæгыл ныттыхсти æмæ зæгъы:
— Сывæллæттæ дын кæй ис, уый мæ мары. Уыдон куы нæ уаиккой, уæд мæ дуне, мæ цард ды уаис.
— Æмæ нæ цы хъыгдарынц? — зæгъы Габо. — Цæрæнт сæхицæн! Куы бахъомыл уой, уæд ма нын æххуыс дæр уыдзысты.
Ус йæ сæр банкъуыста æмæ сдзырдта:
— Сылгоймаджы зæрдæ афтæ нæу: йе иууылдæр, йе та æппындæр ницы. Хъуамæ нæ дыууæйы астæу мацы уæлдай исты уа. Кæд дæ æз хъæуын, уæд уый тыххæй ахъуыды кæн!
Лæг ницы уæлдай фæндтæ кодта, уый æнхъæл уыди, æмæ Тамарæ басабыр уыдзæн, æмæ дзæбæх цæрын байдайдзысты.
Фæлæ нæй, Тамарæ йæхи ныддур кодта, лæджы æмгæрон нал уадзы йæхимæ, алы ’хсæв дæр ын йæ хъусы дзуры:
— Фесаф искуыдæм дæ куыдзы хъыбылты!
Иу хатт ын Габо зæгъы:
— Бацамон мын, мæ уды гага, кæдæм сæ фесафон!
Тамарæ йæ галиу къухы æнгуылдзæй зæхмæ амоны:
— Амар æмæ сæ бафснай дæлæ сыджыты бын!
Габо йæ къухтæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ кæртмæ алыгъди. Уым, уынæргъгæйæ, æрдиаг кæнгæйæ, йæхи къуымты бирæ раппар-баппар фæкодта. Стæй бацыди фæстæмæ хæдзармæ æмæ баздæхти усмæ:
— Тамарæ, мæ уды гага, мæ зæрдæйы лæууæн, цæмæн мын зæгъыс уый! Куыд мын марын кæныс мæ сывæллæтты!
Бирæ фæдзырдта Габо, фæлæ ус йæхи хъæццулы стыхта æмæ лæгмæ иу дзырд дæр нал скодта.
Габо æхсæв нал фынæй кодта. Хъизæмарæй сыгъди. Йæ фарсмæ сылгоймаг, уыцы сылгоймаг, кæй тыххæй уыдысты йе ’хсæвы фынтæ, йæ боны бæллын. Фæлæ йæ къух Бурсамдзелимæ куыд не ’ххæссыди, афтæ уыцы сылгоймагмæ дæр не ’ххæссыди.
Бонæй-бонмæ тади Габо. Хуыз дзы нал уыди. Рустæ мидæмæ бахаудтой.
«Æвæццæгæн, зындоны фыдæбæттæ бирæ æнцондæр сты», — загъта-иу хинымæр Габо.
Иу изæр, фæсахсæвæры, Габо тынг ласын байдыдта йæхи Тамарæмæ. Лæгъстæ йын кæны, дзуры йын рæвдауæн ныхæстæ:
—О мæ хуры хай! О мæ удлæууæн! Нал фæразын, нал!.. Цы аххос мæм ис? Цы кæнон? Зæгъ мын!
— Бафснай уæртæ уыцы куыдзы хъыбылты! — æмæ мæ царды фæлæууæн ды уыдзынæ! — афтæ уыди дзуапп.
Габо та йæ цæсгом къухтæй амбæрзта æмæ адæргæй æрæппæрста йæхи уаты астæрдыл. Уым бирæ фæуынæргъыдта, бирæ йæ цæссыг фæкалдта. Цæссыгтæ ахуырстой рустæ æмæ къухтæ æмæ фæйнæджытæм калдысты. Ус уыдта, Габо сæттынмæ кæй хъавы, æмæ йæхи фæстиат кодта уаты, айдæны касти, æрфгуытæ-иу адаудта, цæсты бынтæ-иу алæгъз кодта.
Сыстади Габо.
Бацыди Тамарæмæ.
Загъта:
— Рахæсс бел, хуыдоны бын уæрм скъахын хъæуы!
— Лæг куы разындтæ, лæг! — сцин кодта Тамарæ. Хъарм пъа ныккодта Габойы былтæн æмæ азгъордта бел агурынмæ.
V
Леуан хъуыдытæ кодта уыцы сабиты царды тыххæй, сæ абоны хъасты тыххæй.
«Хуыцау бахизæд фыдбылызæй», — куывта хинымæр Леуан. Афтæмæй бафынæй ис.
Æмбисæхсæвмæ бирæ нал хъуыдаид, афтæ Леуан мидфынæйы ныууынæргъыдта æмæ фехъал ис.
Фехъал ис Леуан æмæ æрфæсмон кодта ууыл, цæуылнæ байхъуыста зæрдиагдæр сабиты ныхæстæм. Куыд æвзæр фын федта ныр! Йæ алыварс туг, тугæй къах æрæвæрæн нæй. Леуанæн йæ дарæс, йæ къухтæ ахуырст. Къухтæ кæрæдзиуыл асæрфы æмæ ныхæсæгау кæнынц.
«Ай хуымæтæджы нæу»,— дзуры хинымæр Леуан.— Чи зоны, кæд уыцы сабитыл æцæг исты зындзинад цæуы, чи зоны, кæд æцæг тас ран сты!
Рабадти Леуан йæ хуыссæны. Адæргæй цы акæна, уый нæ зоны.
Фæстагмæ нал баурæдта йæхи. Йæ гæрзтæ акодта, револьвер йæ дзыппы атъыста æмæ араст и Фæзыхъæумæ.
Габойы хæдзарæй ма рухс зынди.
— Бадынц ма, æнхъæлдæн, — сдзырдта хинымæр æмæ бахоста дуар.
Иу-дыууæ минуты дзуапдæттæг нæ уыди. Стæй Габойы ныхас фехъуысти дуары фæстейæ.
— Чи дæ ацы æнафоны?
— Æз дæн, æз, — загъта Леуан. — Тъбеты уыдтæн æмæ мæ фæндаг сымахыл ракодтон, абæрæг уæ кæнон, зæгъгæ.
Дуар базыхъхъыр ис æмæ дзы Габо дзуры:
— Мидæмæ дæ ракæниккам, æмæ æнафон у.
— Махæн та цæй æнафон ис! — загъта Леуан æмæ бараст ис, дзургæйæ, мидæмæ. — Иу арахъ мын авæрут, æмæ марш домой!
Габо æнæбары иуварс айста йæхи дуары зыхъхъырæй.
Уыцы минут Леуаны цæст æрцахста ахæм ныв: Тамарæ къухæй амыдта Габойæн — «Фæрæтæй йæ цæвæм... Уым æй бафснайæм». Ауыдта Леуан ноджы къулы рæбын бел, уымæл сыджытæй ахуырст.
Уыдæттæ фенгæйæ, Леуан асгæрста йæ дзыппы револьвер æмæ æнцад сдзырдта:
— Иу арахъ аназдзынæн æмæ, зарокъатæ кæнгæйæ, сфардæг уыдзынæн Пыхсджынмæ.
Лæг æмæ ус арахъмæ куы фесты, уæд Леуан бауади тыргъмæ — уым-иу хуыссыдысты сывæллæттæ.
Ризгæ къухæй февнæлдта хъæццулмæ, раппæрста йæ æмæ уыны: тугæйдзаг гобаны лæууынц тугæй æхгæд дыууæ сæры гуыртæй хицæнгондæй.
Йæ цæстытæ атартæ сты Леуанæн.
Дамбаца куыд фелвæста, дыууæ гæрахы куыд фæкодта, уымæн фырмæстæй ницыуал бамбæрста.
Æрмæст йæ разы куы афæлдæхтысты дыууæ адæймаджы, уæд йæ зонд йæ бынаты æрбадти.
Йæ зонд йæ бынаты куы ’рбадти Леуанæн, уæд ма ноджыдæр дыууæ мардæн сæ ныхты фæйнæ нæмыджы ныссагъта. Стæй систа йæ дзыппæй гæххæтт æмæ химикон карандаш æмæ ныффыста ахæм ныхæстæ:
«Дыууæ æнахъом сидзæр сывæллоны дардæй фæцыдысты мæнмæ, се ’мдзуарджынмæ, æххуыс æнхъæлмæ. Радзырдтой мын, сæ фыд æмæ йæ усы ныхас æхсæвыгон куыд фехъуыстой. Радзырдтой, марыны фæнд сæ куыд скодтой. Æз сыл нæ баууæндыдтæн, ницæмæй сын феххуыс дæн. Ныр мæнæ дыууæ дæр æргæвстæй хуыссынц. Æз амардтон марджыты, марын мæхи дæр.
Леуан.
Ацы фыст Леуан фынгыл æрæвæрдта æмæ та бацыди сывæллæттæм. Цæссыгтæ калгæйæ сыл цæхгæрмæ ныддæлгом ис æмæ ныхъхъæр кодта:
— О мæгуыр сидзæртæ! Дардæй мæм фæцыдыстут æххуыс æнхъæлмæ, фæлæ уæм æз нæ байхъуыстон. Сымахæн æххуыс раттын чи нæ бафæрæзта, уый уæ фæстæ нал схæцдзæн цæрыныл. О мæ уарзон Сандро æмæ Андро! Цæуын, цæуын æз дæр уемæ иннæ дунемæ!
Сыстади æнцад Леуан æмæ револьверы фындз йæ риуы асагъта.
Фехъуысти иу гæрах, фæстаг гæрах. Уыйфæстæ æгас хæдзары хъыпп-сыпп никæцæйуал хъуысти.
Фæлæ скæсдзæн райсом хур. Сыхæгтæй исчи бауайдзæн Габойы хæдзармæ, æмæ афтæмæй айхъуысдзæн дзыллæйыл, цæй диссаджы фыдбылыз æрцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв.
This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago). The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 96 years or less since publication (if applicable). |