Челе (Тогуызты)
Цы 'рцыди, цæмæ ныхъхъуыста афтæ зæрдиагæй уалдзæджы сæргъы цардуарзон Тæнæг Сых?
Мæлыны къахыл ныллæууыди Челе. æрхуыссыд, æрфидар хуыссæнмæ домбай кусæг. Афæлдæхт, адæргь и сау зæххыл фидар тулдз бæлас. Сагьдау аззад æгас Тæнæг Сых къамбецы зæронды гуыпмæ. Ныссабыр, йæ улæфт баурæдта. Иттæг зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсы Челейы фæстаг сулæфтмæ хъæлдзæг Тæнæг Сых. Чындзытæ æфснайынц хæдзæрттæ, кæртытæ, устытæ цæгъдынц дымгæмæ сæ зæронд къабатæ, фæсивæд рæвдз кæнынц белтæ, фыййæгтæ — Челейы ингæны зиумæ. Фæлæ зæрæдтæ. Зæрæдтæ! Челейы 'мгæрттæ. Цæмæн, цæмæн цæуы уæрдондæтты рæбынтæй сигæцы сусæг сыф-сыф? Додой, додой, зæрæдтæ! Сымах хистытæм дæр рæхджы бацыргъ кæндзысты чидæртæ сæ хъаматы кæрдтæ.
æнамонд Челе! æрæмбырд сты сау халæттæ алырдыгæй ингæны былмæ. Фондз уады скодта дæ дуæрттыл Цъыллингаты былысдæр цуанон зæронд Биби. Тымбыл кауы алыварс æрæмбырд сты гомгуыбын басяччытæ æмæ се 'рттиваг цæстытæ не здахынц дæ кулдуарæй.
Йе, уæу-уæй, Челе! Иу зæрдæриссæг дыл нæ разынди дæ царды изæр. Бирæ фæцардтæ, бирæ фæкуыстай, бирæ бынтæ фæкодтай дæ фæстæгтæн, не ссардтай æрмæст дæхицæн, дæ фæстаджы бонтæн иу æмгар, иу хицон. æрæвæрдтай дæ иу къах ингæны, схойынц иннæйы дæр размæ, фæстæмæ — ничи хионæй, æддагонæй. Дæ тыхст улæфтмæ, дæ тыхджын хъæрзынмæ сæ мидбылты худынц, сæ цæстытæ ныкъулынц кæрæдзимæ дæ цыппар чындзы. Уыди дын æртæ буц чызджы. Хорз мæйттæ нæ агуырдтой сæ чызджы бонты, цыдысты радыгай фыццаг сдзурæгмæ. Ныр хусцæстæй лæууынц сæ мæлæг зæронд фыды уæлхъус æмæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц йæ цæстыты æрбацъындмæ. Гæппæввонг бадынц дæ цыппар фырты дæр. Дæ дзаг хæдзар дын мыды чыргьæдау куы бадихтæ кæной, дæ ингæны фæрстæ куы ратонай, æнамонд зæронд!
Фæскъæвда хур ракæсæгау фæци дæ бинонтæн, дæ сыхæгтæн дæ сынтæджы æрхуыст. Дæ цыргъ æнгасæй æмбæхсынц сæ зæрдæйы хъазт, сæ былты худт, нæ комы сурын æрмæст цæсгæмтты судзын. Зилынц дæм, æххæст дын кæнынц дæ бинонтæ æмхуызонæй дæ алы фæндон. Дæ фæстаг сахат дард нал ис, уый куынæ зониккой дæ цыппар чындзы!
Иннæтæй уæлдай дæ царды изæр æрмæст дæ сыл у æнкъард, æрмæст уый кæсы тарцæстæй. æви йын афтæ зынаргъ уыд йæ хæррæгь зæронд мой? Къæбиц-рæбынæй фæсдуармæ хаудзæни дæ фæстæ дæ фыртты «фыдыус», æмæ ууыл у йæ катай, уымæн дæм бакæны хаттæй-хатт мæсты каст. Нæ сæххæст йæ фæндон: хордоны дæгъæлтæ ласт æрцыдысты ронæй. Рагæй дын дзырдта: «Дæ цæргæйæ ахицæн кæн фыртты». Дæ бынты растæмбис сныв кодта йæ иунæг фыртæн, — ныр дæ фæстæ схойгæ къæбæрæй хъомыл кæндзæн йæ ахсджиаг хъæбул.
Акæс-ма фæстæмæ дæ цардмæ, мæлæг уд! Цы 'взæрдзинад бакодтай дæ бинонтæн, дæ сыхæгтæн, цæмæн æнхъæлмæ кæсынц дæ цæсты фæцъындмæ, куыд никæйуал хъæуы дæ зæронд? Нæй, нæ сахуыр дæ фæстæмæ кæсын!
Домбай кусæг уыди Челе йæ лæппуйы бонты. æмгъуыд нæ зыдта куыстæн: æхсæвæй-бонæй нæ кодта хъауджы, не 'взæрста бæрæгбон. Бæрæгæхсæв-иу стыр æнафонты йе 'мгæрттæ искæй чындзæхсæвы зарды тынджы куы бацыдысты, уæд-иу сæ рæзты Челе йæ кæрцы къæриты тыхтæй, тачкæйы бадгæ, сивгъуыдта хъæдмæ. Хуыцаубоны-иу нæ хъæуы чызгæвзæрст, лæппуйы хорзæй искæй хъазты симды куы бацыдысты, Челе-иу уæд æргъæвстæй, фæсус хъæлæсæй йæ бæхты æлгъитгæ сæ рæзты 'рцыди йе 'ртæ цæдимæ. Лæппуйау никуы сбадти Челе йæ зæрдæйы дзæбæхæн саргъы бæхыл: йæ дарддæр балц саргъы бæхыл — Дермецыкк, уыгæрдæн бæрæггæнæг. Лæппуйау æмгары фæдыл никуы ацыди чындзхæссæг кæнæ сиахсы цыды. æхсæвиуат кæмæ 'ркодтаид, иу ахæм зонгæ не скодта йæхицæн. Челе, никæцы ирон хъæуы уыд йæ цæргæ-цæрæнбоны. Лæппуйау куыстæй æрцæугæйæ йæ хæррæгътæ никуы акалдта, йæхи никуы рацарæзта æмæ йе 'мгæрттыл никуы разылди. Лæппуйау хъазты кæрон никуы 'рлæууыди, иу чъыллипп никуы акодта кафты номыл. Лæппуйау никуы равзæрста хъазты чызг, йæхи дыууæ усæй кæцы хуыздæр уыди, уый нæ раиртæста йæ базæронды бонмæ.
Йæ къахы ныхтæй йæ сæрыхъуынмæ аныгъуылди Челе куысты, йæ сæр никуы систа æмæ никуы акасти фæйнæрдæм царды рухсмæ. Дыууæ боны фæд-фæдыл никуы фæци Челе хъæубæсты; йæ лæппуйы бонты-иу куыстæй æрцыди, хъарм хойраг-иу бахордта æмæ та-иу афардæг иннæ куыстмæ. Хæргæ дæр кодта Челе йæ куыстмæ гæсгæ. æмбисондæн баззади нæ хъæуы Челейы хæраг.
Зымæгон хъызт изæр йе 'ртæ цæдимæ хъæдæй æрхæццæ Челе. Бæхтæ бафснайдта, дзаумæттæ сæ бынаты цæвæрдта æмæ хæдзармæ бацыди. Къонайы дынджыр арт гъæйттæй судзы. Хъæрмхуыпп уæларт пæлхъ-пæлхъæй фыцы. æфсин кæрдзынтæ кæны. Арты фарсмæ 'рбадти Челе æмæ йæхи тавыныл фæхæцыди. Дзабырты фæсал ракалдта, бахус кодта йæ салд дзаумæттæ, æртæфстысты йе уæнгтæ дæр. Хæрынтæ райдыдта ныр Челе, фæлæ цæттæ нæма у хъæрмхуыпп. Фыццаг кæрдзын райста фæныкæй æфсин, къонайыл æй æрæвæрдта æмæ йын дыккаг йæ бынаты бакодта. Бакæс-бакæс кæны кæрдзынмæ Челе. Диссаг дæр нæу: дысонæй нырмæ йæ гуыбын дзæбæх нæ бафсæста, салд кæрдзын æм уыд æмæ уымæй адджынæй чи æрæууилдзæни? Тæвд кæрдзыны тæф йæ былтыл уайын куы байдыдта, уæд æм нал фæлæууыд — æрбайста йæ йæхимæ. Стæй æфсинæй сылы ракуырдта, æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фæцыдæр и кæрдзын. æцæг диссаджы хæрын та йæм ныр æрцыди. Дыккаг кæрдзын дæр фыццаджы фæдыл аивгъуыдта. æфсин — фыцгæ, Челе — хæргæ, афтæмæй æхсæз кæрдзыны бахордта сылыимæ Челе хъæрмхуыппы сцæттæйы размæ. Хъæрмхуыпп куы сцæттæ, уæд æвдæм кæрдзын та уыимæ бахордта.
Цæрæг хæдзар мыды чыргъæдау, дзаджджын хæдзар скодта Челе йæхи хъаруйæ, йæ куысты руаджы. Дыууæ æддæгуæлæйы — йæ бæстыхай, адæмæн æмбисонд — йæ уæрдондон: хордон æмæ ирон хæдзаримæ йæ фæйнæ кæрон. Дзаг — стурæй йæ хъомдон, бæхтæй — йæ хъарм бæхдон. Хæрзхастдæр æмæ рæсугъддæр Челейы къамбецтæй, Челейы хъуццытæй ничи æрыскъæрдзæн æхсæны хизмæ. Рæвдздæрæй, ифтонгдæрæй никæй кæртæй рацæудзæни бæхуæрдон. Фылдæр никæмæн ис мæнæу йæ хордоны, — æгас Тæнæг Сыхмæ цы нæ ис, уый йæхимæ ис Челейæн нартхор йæ даргъ хъæдын нартхордæтты.
Базæронд Челе. Йæ цот устытæ 'рхастой, фесты зæнæгджын. Не 'ййафынц Челейы йæ цыппар фырты. Кусаг куыннæ сты, хæдзардзин куыннæ сты, фæлæ сæ рох нæу цард дæр сæ фыдау. Ис сын бæрæгбон, ис сын æмгар, хъæлдзæгдзинад агуры сæ зæрдæ.
Нæ фендæр йæхæдæг Челе. Не суагъта хæдзар йæ фыртты бар, нæ рацыди ныхасы зæрæдтæм. Челе у зæрондæй дæр хæдзары тыхджындæр кусæг. Нал цæуы æцæг фыццаджы хуызæн æртæ цæдæй хъæдмæ, Оны калакмæ чырæйы, фæлæ къаддæр нæ фæци йæ куыст. Челе 'рвиты йæ фыртты куыстмæ, Челе сын кæны мидхæдзары бæстон сæ фæллой, сæ куыст. Челейы руаджы змæлынц бинонтæ æмхуызонæй сылæй, нæлæй, чысылæй, стырæй. Иу бон дзæгъæлы ничи фæбаддзæни бинонтæй — Челе алкæмæн дæр ссардзæни куыст. Челейы хæдзары сылгоймаг иу сахат нæ абаддзæн йæ уаты дуарæхгæдæй. Челейы хæдзары ног чындз йæ нæуæджы бонты дæр хайджын у хæдзары архайдæй, быдыры куыстæй, Челейы загъдмæ хъусыны бæсты цыфæнды куыст дæр бакæндзæн йæ мæллæг, йæ зæрдæхсайгæ чындз. Сыхаг сывæллон Челейы кæстæр фыртимæ йæ фаг нæ фæхъаздзæни Челейы кæрты, скъæт ын ныммæрзын кæндзæни Челе. Йæ тызмæг æнгасæй, йæ мæсты тъæллангæй хæрдты хауынц йæ бинонтæ, йæ сых.
Нæй Челейæн зæрондæй дæр æвдæлон сахат. Боныцъæхтæй сысты, уымæй изæрмæ не 'рæнцой вæййы. Кæрты къуымты зилы æмæ агуры куыст: кæм æфснайы, кæм аразы, кæм æмпъузы. Чи сбийдзæни Челейы хуызæн кау? Чи самайдзæн йæхицæй рæсугъддæр хосы рагъ? Чи фестын кæндзæни скъуыдтæ хамут, тæгæлтæ саргъ Челейау дзыхъхъынног? Рæвдздæр чи аивдзæни саст рæтæнагъд, чи скæндзæн йæхицæй хуыздæр ног уæрдон, кæй конд сæмæн фæлæудзæни фылдæр? Кæй цæхæрадон æййафы сыхбæсты хуыздæр зылд? Кæйдæртау бæласæй нæ байдзаг кодта Челе йæ дынджыр цæхæрадон, фæлæ йæ алы уалдзæг азæй-азмæ фæлдахы картофæн. Бæлас нæ уарзы Челе. Раджы кæддæр сæ сыхы бульвары ныссагъта Челе йæ размæ, иннæтæм гæсгæ, цалдæр акаци бæласы — радыгай сæ калд фæци фæстæмæ дæндаггæгтæн æмæ фæрскæгтæн. Цы кæны Челе бæласæй: йæ дыргь ын нæ хæры, йæ быны бадынмæ та йæ æвдæлгæ нæ кæны дадайы фырттау.
Нæу разы Челе йæ сыхæй. Цардуарзон Тæнæг Сых ницæмæй фæзмынц Челейы. Бульвартæ кæныны æмæ бæласы бын бадыны бæсты хæдзары кой фылдæр куы кæниккой, уæд алыбон не згъориккой Челемæ хæрзиуæггур. Никæй хъыгдары Челе æмæ нæ уадзы йæхи дæр хъыгдарын: нæ ракæндзæни Челе, йæхи хæдзарæн пайда кæмæй нæ уа, ахæм хæрзиуæг. Сугсæттæн фæрæт бахъæуа сыхаджы — æрсæттæд иу чысыл Челейы сугдоны суг æмæ ахæссæд фæрæт. Нартхор хойæн дзы ракура сыхаг — æрхойæд Челейы нартхорæй иу гуыффæ, стæй уæд ахæссæд нартхорхойæн. Уæрдон дзы ракурай, — ралас дзы демæ Челейы кæртæй фаджыс. Сыхаг æнахъом сидзæр лæппу йын сæмæн кæнын кæна, — ацæуæд иу бон Челейы фырттимæ куыстмæ.
Мæлы Челе. Йæ кайыс Черыхъо цæстытыл бахæцынмæ йæ уæлхъус гæппæввонгæй лæууы. Йе 'ртæ чызджы сæрбæттæнтæ балвæстой, къухмæрзæнтæ сцæттæ кодтой æмæ сынтæджы алыварс кæуынæввонгæй ныхъхъус сты. Тыхулæфт кæны рынчын. Искуы-иу хатт йæхинымæры бахъынцъым кæны, искуы-иу хатт йæ былтæ базмæлынц. æргуыбыр æм кæны Черыхъо æмæ йæм сдзуры:
— Ныртæккæ, ныртæккæ, Челе! Тыхсгæ ма кæн, ныртæккæ йæ æрбахæсдзæни Бабе.
Цæуыл тыхсы Челе, цы 'рцагуырдта йæ зæрдæ йæ мæлыны сахат? æвиппайды дуар байгом, æмæ рынчыны цурмæ тагъдгомау æрбацыд йæ астæуккаг фырт Бабе. Базыдта йæ Челе æмæ йæм комкоммæ ныккасти. Бабе йæм æргуыбыр кодта æмæ йын йæ хъусы дзуры:
— Уыдонмæ нæй, баба, нæ ардуан. Тембол ард хæры, раджы, дам, æй кæддæр æрбахастон æмæ, дам, дзы куыддæр мæ джидæйы хъæд алæгъз кодтон, афтæ, дам, æй фæстæмæ бахастон æмæ, дам, æй Челейæн йæхимæ радтон.
Рынчын стыхсти. æваст йæ хуыссæны базмæлыди, рабадыныл архайы æмæ нæ фæразы. Черыхъо та йæм æргуыбыр кодта æмæ йæ фæрсы:
— Цы кæныс, Челе, цы кæныс?
Рынчын йæ былтæ базмæлын кодта æмæ стыр зынæй ссыд йæ дзыхæй иунæг дзырд: «Чырын»...
Цавæрдæр чырын агуры, — загъта Черыхъо.
Йæ кусæндзаумæтты чырын агуры, — сдзырдта Бабе æмæ сынтæджы бынæй раласта иу дынджыр чырын. Челе йæм æдзынæг ныккасти.
Бабе райдыдта чырынæй исын лæгъзгæнæнтæ, сæртытæ, рæс, дзæбуг, цæфхады зæрæдтæ, алыхуызон зæгæлы мыггаг. Ардуан нæй. Лæппу ныккалдта дзаумæттæ фæстæмæ чырынмæ æмæ йæ басхуыста сынтæджы бынмæ.
Тынг стыхсти рынчын. Йæ фыртмæ æдзынæг кæсы æмæ былтæ змæлын кæны, цыдæр зæгъынмæ йын хъавы æмæ нæ фæразы. Черыхъо та йæ хъус æрхаста рынчыны былтæм æмæ дыууæ дзырды æрцахста : «Тембол... Ардуан».
— Цæугæ, иу уад ма бакæн Темболмæ. Рацагурæд æй. Науæд сыхæгтыл разил, кæд искæмæ разынид.
Рацыди Бабе уатæй хъуыр-хъуыргæнгæ:
— Мæрдты йæ чырыны фæрстæ лæгъз кæндзæн, æви йæ цæмæн бахъуыд ардуан йæ уд исыны сахат?
Ацыдысты Челейы цыппар фырты сыхыл дыууæрдыгæй зилгæ сæ фыды ардуан агурæг.
Ныллæуыди Челе йæ уд исыныл. Йæ улæфт къуыхцы кæнын байдыдта, хаттæй-хатт æрдæгыл баззайы, æппынæрæджиау схæкъуырцц кæны рынчын æмæ дуарырдæм азилы йæ цæстытæ. Черыхъо йын æрæвæрдта йæ ныхыл йæ къух æмæ йын йæ цæстытæм æдзынæг кæсы. Йе 'ртæ чызгæн сæ къухмæрзæнтæ фындзæй цæстыты астæу райдыдтой тезгъо.
æвиппайды æрбацыдысты уатмæ Челейæн йæ цыппар фырты. Ссардтой кæмдæр сæ фыды ардуан. Бабе сынтæджы цурмæ æрбахæстæг æмæ равдыста Челемæ ардуан. Ауыдта ма Челе йæ ардуан, йæ былтæ базмæлыдысты, йæ цæстытæ зына-нæзына ферттывтой. Бабе сынтæджы бынæй раласта чырын æмæ ардуан уырдæм иннæ дзаумæтты 'хсæнмæ цæппæрста.
Ардуаны зæллангмæ Челе йæхи айвæзта, ныуулæфыд æмæ... Черыхъо цæстытыл æрхæцыд.
1911 азæй 1915 азы 'хсæн
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States prior to January 1, 1929. Other jurisdictions have other rules. Also note that this work may not be in the public domain in the 9th Circuit if it was published after July 1, 1909, unless the author is known to have died in 1953 or earlier (more than 70 years ago).[1]
This work might not be in the public domain outside the United States and should not be transferred to a Wikisource language subdomain (or as a file it should not be migrated to the Wikimedia Commons) that excludes pre-1929 works copyrighted at home. Данная работа, впервые изданная до 1929 года, находится в общественном достоянии по законодательству США, и может быть опубликована здесь, в мультиязычной Викитеке. Но эта работа не может быть опубликована в национальной Викитеке, которая должна подчиняться законодательству России, т. к. работы этого автора (за исключением изданных до 7 ноября 1917 года) пока не вышли в общественное достояние в России. Этот автор умер в 1938 году и был посмертно реабилитирован в 1955 году, соответственно эта работа выйдет в России в общественное достояние в 2026 году.
The author died in 1938, so this work is also in the public domain in countries and areas (outside Russia) where the copyright term is the author's life plus 80 years or less. | |